Quantcast
Channel: Хурзæрин
Viewing all 3620 articles
Browse latest View live

Фембæлд номдзыд уæрæсейаг спортсментимæ

$
0
0

sport.pngПрезидент Тыбылты Леонид æрæджы йæхимæ райста, нæ республикæмæ спорты галуан «Олимп» байгом кæныны цытджын мадзалмæ цы стыр спортивон делегаци æрцыд, уыдоны сконды уæвæг номдзыд уæрæсейаг спортсменты.
Фембæлды хайад райста уæгъ-дибар стилы зындгонд советон æмæ уæрæсейаг хъæбысæйхæцæг, спорты сгуыхт дæсны, УФ-йы сгуыхт тренер, Европæ æмæ Советон Цæдисы чемпион Тедеты Дзамболат, зынгæ советон биатлонист, спорты сгуыхт дæсны, цыппар хатты Олимпаг чемпион, Советон Цæдисы чемпион Александр Тихонов, УФ-йы спортивон хъæ-бысхæсты президент, спорты сгуыхт дæсны, УФ-йы сгуыхт тренер, Олимпаг чемпион Михаил Мамиашвили.
Тыбылты Леонид ма ноджы иу хатт банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Спорты галуан «Олимп»-ы байгомы стыр нысаниуæг. Уый республикæйы æрыгон спортсмен-тæн суыдзæн фæндарастгæнæн бынат, сæ амондджын спортивон фидæн-иу кæцæй райдайдзæн, уый.
Фембæлды рæстæджы ма уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын кæныны цытджын мадзал. Тедеты Дзамболат, Александр Тихонов æмæ Михаил Мамиашвили систы Хæлардзинады Орденты аккаг. Хуссар Ирыстонæй рацæугæ Тадтаты Тимур — Спорты галуан «Олимп»-ы арæзтад æмæ йæ эксплуатацимæ радтыны куысты активон хайадисæг та хорзæх-джын æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны 25 азы цыты нысанæн» майданæй.

подробнее


Бæрнон ахаст — цæрджыты сфыстмæ

$
0
0

7.JPGРеспубликæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст райдайæны агъоммæ РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид кусæгон рабадт ауагъта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, цыран уынаффæ кодтой, сфыст райдайынмæ куыд цæттæ сты, ууыл.
Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ цæрджыты сфыст у паддзахадон ахсджиагдзинады мадзал æмæ бахæс кодта къухдариуæггæнджытæн, цæмæй активон хайад райсой сфыст сорганизаци кæнын æмæ ауадзыны хъуыддаджы. «Нæ республикæйы цæрджыты сфыст уагъд рагæй нал æрцыд æмæ алчидæр хъуамæ бæрнон ахаст равдиса, нæ разы цы хæстæ лæууы, уыдонмæ. Уый хуымæтæджы ма-дзал нæу æмæ йæ иумæ хъуамæ æн-тыстджынæй сæххæст кæнæм», — банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Цæрджыты нымæцы æмæ сконды тыххæй бæрæггæнæнтæ хауынц ахсджиагдæр статистикон равдыстмæ. Уыдонæн ахсджиаг нысаниуæг ис экономикæйы, культурæйы планон рæзты, цæрджыты мате-риалон фæрныгад бæрзонддæр кæныны системæйы, пайдагонд цæуынц куыд къухы бафтгæ экономикон рæзтæн саргъ кæ-нынæн, афтæ сæудæджерадон æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийы, фæллойадон ресурсты бæрцты перспективон планкæнынадæн дæр.

подробнее

Цæгат Ирыстоны

$
0
0

Къостайы преми — Къостайы фæдонтæн

Æрцыд та Ирыстоны уарзон поэт, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгурæн боны цытæн бæрæгбонтæ кæныны рæстæг. Уыимæ дыууæ азы иухатт йæ номыл кæй дæттынц, уыцы Паддзахадон премийы уæлахиздзауты сбæрæг кæнын. Уый фæдыл Хицауады хæдзары 14 октябры уыд æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Огъуаты Алан. Къамисы бадтысты фысджытæ Ходы Камал, Дзасохты Музафер, Хозиты Барис, ахуыргонд Къомайты Риммæ, актертæ Владимир Уваров, Гуыбиаты Хъазыбег æмæ иннæтæ. Огъуаты Алан, фыццаджыдæр, фехъусын кодта, нæ республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы фæндонæй нырæй фæстæмæ Къостайы премийыл кæй бафтдзæн сæдæ мин сомы. Ома, 150 мин сомæй схиздзæн 250 мин сомы онг. Куыд зонæм, афтæмæй Къостайы номыл премийы сæйраг къабаз у литературæ æмæ йæм преми райсынмæ бавдыстой æртæ кандидаты: Агънаты Гæстæны («Темыры кæстæр чызг»), Уртаты Аланкæ («Кавказские новеллы») æмæ Тобойты Цæрæкы («Цы у дунейыл лæджы цард?») дыгурон æвзагыл.

подробнее

Аз фæуд кæнынц стырдæр æнтыстытæм тырнгæйæ

$
0
0

nalog.JPGЗнон, 16 октябры Хуссар Ирыстоны хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сырæзтыл сæххæст 25 азы. Нæ уацхæссæг фембæлд йæ сæрдар Къадзты Владимиримæ. Ныхас цыд куыд æнтыстытыл, афтæ аразинаг хæстыл дæр.
— Владимир, райдианы мæ фæнды, цæмæй раарфæ кæнон, цы коллективæн разамынад кæныс, уыдонæн уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Уæд уын тæхудиаджы æнæниздзинад, хæдзары бинонты ’хсæн хъарм æмæ уарзон ахаст, куысты та — æнтыстытæ. Куыд сæмбæлут уæ бæрæгбоныл?
— Стыр бузныг. Сымахæн дæр уæ куысты уæд стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ, — банысан кодта хорз зæрдæйы уагимæ, — уымæн æмæ нæ куыст, не ’нтыстытæй рухс кæны нæхи зæрдæ дæр, стæй дæ алыварс куы уынай, бонæй-бонмæ æппæт дæр хуыздæр кæны, уæд цæмæн хъуамæ æнкъард кæнæм.
— Куыстуаты цал кусæджы кусы, сæ дæсныйадмæ гæсгæ чи сты, мыййаг, кусæгцух стут?

подробнее

Хуссар Ирыстоны Президент æрæвæрдта инвалидтæн социалон æххуыс бакæныны фарст

$
0
0

Æрæджы Республикæйы Президент сæрдариуæг кæмæн кодта, РХИ-йы Хицауады уыцы рабадты æркастæуыд, инвалидтæн социалон æххуыс кæныны тыххæй закъон æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый тыххæй фарстмæ. Уыцы æмбæстæгтæ хауынц æппæты æвæгæсæгдæр цæрджыты категоримæ. Бæстæйы сæргълæууæг бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты, стæй Финансты министрадтæн, цæмæй закъоны проектыл кæронмæ бакусой æмæ йæ сæххæст кæныны тыххæй финансон фæрæзтæ самал кæной.
РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег уый фæдыл йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй ацы закъоны проект у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ æнæмæнг хъæуы инвалидтæн баххуыс кæнын, кæцытæн сæ фылдæр хай ахæм уавæры сты Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты аххосæй.
«Бæстæйы сæргълæууæг махæн радта комкоммæ хæслæвæрд закъоны проект бацæттæ кæнын æмæ йæ РХИ-йы Парламентмæ бавдисыны тыххæй», — банысан кодта Гаглойты Олег.

подробнее

Уыд РХИ-йы Парламенты æртыккаг сессийы фыццаг рабадт

$
0
0

14-æм октябры уыд РХИ-йы Парламенты æртыккаг сессийы фыццаг рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.
Уый иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардта Парламенты V-VI-æм æрсидтыты депутат Дудайты Эрикыирухс ном, кæцы трагикон æгъдауæй фæмард автомобилон катастрофæйы фæстиуæгæн. Дудайты Эрикы бинонтæ æмæ æввахс хиуæтты адресыл мæсæллæйы ныхæстæ загътой Парламенты æппæт политикон партиты минæвæрттæ.
Мандатон къамисы сæрдар Бекъойты Георги депутатты базонгæ кодта Парламенты уынаффæимæ, РХИ-йы Парламенты VI-æм æрсидты депутат Дудайты Эрик Владимиры фыртæн йæ депутатон æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр урæд кæй æрцыдысты, уый тыххæй, кæцы депутатæй æвзæрст æрцыд политикон парти «Адæмон парти»-йы республикон номхыгъды сконды, æмæ депутатон мандат срегистрацигонд кандидат Тедеты Гермаген Галактионы фыртæн радтын вакантон депутатон мандат раивыны тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 80-æм статьямæ гæсгæ.

подробнее

Хицауады | Æруынаффæ кодтой закъоны проектыл

$
0
0

DSC03384.JPG 14 октябры ауагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады рабадт. Рабадт уагъта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.
Боны фæткы фыццаг фарст уыд «2015 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй». Фарсты фæдыл доклад сарæзта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «2015 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад сæйраджыдæр рав-зæрд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы 14 рабадты уынаффæтæй, кæцы уагъд æрцыд ацы аз 22 сентябры. Рабадты суагъæмæ гæсгæ, 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæ-нæг Инвестицион программæйы финанскæнынады уæвæг гуырахст 9200 милуан сомы къаддæр цæуы 88,194 милуан сомæй æмæ фидар æрцыд 9111, 816 милуан сомæй. Ацы азтыл дих æрцыд мæнæ афтæ: 2015 азæн 2428,476 милуан сомы, фæкъаддæр 638,194 милуан сомы; 2016 азæн 3616,670 милуан сомы, фæфылдæр 550 милуан сомы; 2017 азæн 3066,670 милуан сомы.

подробнее

Æрæвнæлдтой ног инвестицион проекты реализацимæ

$
0
0

14 октябры Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ фæкъуындæгдæр бæрндзинадимæ æхсæнад «Петрикор»-ы ’хсæн арæзт æрцыд бадзырд Знауыры районы Аунеуы хъæуы товарон-æхсыры фермæйы арæзтад кæронмæ фæуын æмæ йæ эксплуатацимæ радтыны тыххæй.
Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министрад дæргъвæтин рæстæджы дæргъы ар-хайдта инвестор агурыныл, кæцыйæн йæ бон бауыдаид объект кæронмæ фæуын æмæ дзы æхсыры продукци рауадзыны куыст сорганизаци кæнын. Республикæйæн ахæм вазыгджын экономикон проект æххæст цæуы Хæдбар паддзахадты æмхæларады паддзахадтæ-хайадисджытимæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы æххуысы фæрцы.
Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям йæ комментариты куыд бамбарын кодта, афтæмæй Аунеуы хъæуы 496 сæрæн фермæйы арæзтад æмæ республикæйы æхсыры куыстуат саразын суыдзысты Хуссар Ирыстоны хъæу-уонхæдзарадон кондады рæзты райдиан.

подробнее


16 октябрь - Хъалонисæг органты кусджыты бон

$
0
0

ПРЕЗИДЕНТ ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИДЫ АРФÆ РХИ-йы ХЪАЛОНИСÆГ ОРГАНТЫ КУСДЖЫТÆН

Цытджын æмбæлттæ, Хуссар Ирыстоны хъалонисæг органты кусджытæ!
Зынаргъ æмбæлттæ!
Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон - Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонисæг органты кусæджы боны цытæн!
РХИ-йы хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты ахсджиагдæр хæс у нæ бæстæйы бюджет баххæст кæнын. Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзт, не ‘мбæстæгты царды æмвæзад æмæ гъæд фæхуыздæр кæныны хъуыддаг бирæбæрцæй у уæ куыстæй аразгæ. Республикæйы къухдариуæгад ныфс æвæры сымах профессионализм, принципиалон-дзинад, компетентондзинад æмæ адæмимæ арæхстджын куыстæй.
Фидарæй мæ уырны, сымах æппæтдæр сараздзыстут хъалонисæг органтыл æвæрд хæстæ æнтысгæйæ сæххæст кæныны тыххæй, хуыздæр кæндзыстут уæ куысты гъæд, ахуыр кæндзыстут фæллойы ног хуызтæ æмæ амæлттыл, аудгæйæ кусдзыстут æмæ æххуыс кæндзыстут хъалонфидджытæн.

подробнее

Тыбылты Леонид йæ цардæмбалимæ хайад райста Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфысты

$
0
0

IMG_9839.JPGРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæ цардæмбалимæ иумæ алкæмæй раздæр хайад райста цæрджыты æппæтиумæйаг сфысты, кæцы райдыдта знон, 15 октябры.
15 октябры, райсомæй раджы сфыст уадзæг бацыд бирæфатерон бæстыхаймæ, цыран цæры Президент Тыбылты Леонид. Чызг йæхи Чилæхсаты Аленæ схонгæйæ æмæ бæлвырдгæнæн равдисгæйæ, Тыбылты Леонид æмæ йæ цардæмбал Санахъоты Венерæйæн загъта, цæмæй хайад райсой Хуссар Ирыстоны цæрджыты æппæтиумæйаг сфысты.
Сфыст уадзæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ йæ бинойнагмæ радта фарстатæ, æмæ сæ бахаста цæрджыты æппæтиумæйаг сфысты реестрмæ, фехъусын кодта РХИ-йы Президенты пресс-службæйы сæргълæууæг Гана Яновская.
Тыбылты Леонидмæ радта ахæм фарстатæ; кæд æмæ кæм райгуырд, цал азы йыл цæуы, афтæ ма æмбæстагдзинад, æмкъайдзинад, ахуырады тыххæй фарстатæ æмæ анкетæмæ хаст æндæр фарстатæ дæр.

подробнее

Æппæтиумæйаг сфыст — ахсджиаг паддзахадон мадзал

$
0
0

perepis.jpegЙæ тæмæны ис Хуссар Ирыстоны цæрджыты иумæйаг сфыст. Ацы иумæйаг сфыст Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы у фыццаг. Йæ нысан сæйрагдæр у, бæстæйы цæрджыты нымæц сбæлвырд кæнын, цардуагон æмæ социалон уавæртæ сбæрæг кæнын æмæ æндæртæ.
Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы бæрнон хъуыддагыл чи кусы, уыцы сфыст уадзджытæ сæ куыстмæ æрæвнæлдтой 15 октябрæй. Сфыст аххæсдзæн 30 октябры онг. Ацы цау, йæ ныхæстæм гæсгæ, у нысаниуæгджын цау нæ бæстæйы.
«Сфыст уадзджытæ бæрæг хæдзармæ бацæугæйæ бынаты куы никæй баййафой, уæд ныууадздзысты сæ телефоны номыртæ. Уыцы номыртæм гæсгæ сæм хæдзары хицау бадзурдзæн æмæ йæм ногæй æрбацæудзысты. Иумæйаг сфысты фæстиуджытæм гæсгæ, статистикон управленийæн йæ тыхы уыдзæн сдзуапп кæна бирæнымæц фарстатæн, кæцытæ хауынц хицæн бинонтæм, цæрæн хæдзары уавæрмæ».

подробнее

Республикæйы æппæтиумæйаг сфыст цæуы активонæй

$
0
0

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикон управленийы сæрдар Тыбылты Инал куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæтиумæйаг сфысты фыццаг бон республикæйы цæрджытæй хайад райстой 3100 адæймаджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы бон серьезон халынадтæ нæ рабæрæг.
Республикæйы сфыст уадзджытæ уыдысты 850 хæдзарæй фылдæры, сфыстой 3100 адæймаджы. «Цæрджыты сфысты фыццаг боны мониторинг куыд фенын кодта, афтæмæй фыццаг бон, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сфыстуадзджытæ аххæссыдысты цæрджыты 7,5 проценты», — банысан кодта Тыбылты Инал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг бонæй сфыст уадзджытæ баззадысты райгондæй.
«Республикæйы цæрджытæ сфыст уадзджыты истой рæдауæй, куыд сæ бон уыд, афтæ сын æххуыс кодтой, телефонтæй кæрæдзийы фæдзæхстой», — йæ ныхасы кæрон банысан кодта Паддзахадон статистикон управленийы сæрдар.

Кæронмæ фæхæццæ кæны объекты арæзтад

$
0
0

Цадæггай рæзынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ. Ныридæгæн зæрдæ рухс кæны Джиоты Аланы проспектыл цы дыууæуæладзыгон объект арæзт æрцыд, уымæй. Кæддæр ацы аив архитектурон уагдоны уыд партийы Цхинвалы райкомы комитет. Уый фæстæ рæстæг фæивта, рацарæзты дуг райдыдта, партион комитеттæ ныппырх сты æмæ ам æрбынат кодта горæты мидхъуыддæгты хайады управлени. 2008 азы августы цауты рæстæджы ацы агъуыст дæр пырх æрцыд.
Ивгъуыд аз РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты ацы объект дæр бахауд, арæзт чи хъуамæ æрцæуа, уыдон номхыгъдмæ. Æниу, ацы уагдон аразынмæ 2012 азы бавнæлдтой, фæлæ-иу чысыл рæстæджы фæстæ цалцæггæнæн куыстытæ урæд æрцыдысты. Цы подрядон организаци йæ арæзта, уыдонæн сæ ныхас уыд «нæй финанскæнынад». Финанскæнынады аххосаг хицауад афтæ æмбарын кодтой, ома, арæзтадон фирмæйæн нæй æмбæлон проектон-сметæйон гæххæттытæ.

подробнее

Хуссар Ирыстоны ныфс ис, Гаагæйы тæрхондон раст уынаффæ кæй рахæсдзæн 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты фæдыл

$
0
0

Хуссар Ирыстоны ныфс ис, Гаагæйы дунеон тæрхондон раст уынаффæ кæй ра-хæсдзæн Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы æрцæугæ цаутæм æркæсыны рæстæджы æмæ сæ кæй банымайдзæн куыд хæстон фыдракæндтæ, афтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан.
«Мах стæм æргом, цæттæ стæм æмгуыстадмæ æмæ куы бахъæуа, уæд махæн нæ бон у 2008 азы августы хæсты цауты фæдыл æппæт æрмæджытæ дæр радтынмæ», - загъта уый.
Уыимæ министры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны «раст зæгъ-гæйæ, фæдисау сты, Дунеон тæрхондон кæй батыхст 2008 азы куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты бартæ дæр хæлд кæй цыдысты, уыцы фарстатыл æруынаффæ кæныныл æрмæстдæр авд азы фæстæ бацамынд цауты фæстæ».
«Бирæ нæм ис уголовон хъуыддæгтæ, кæцытæ конд æрцыдысты 2008 азы августы цауты фæстæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæм гæсгæ, фæлæ, хъыга-гæн, Дунеон уголовон тæрхондон, æгæрыстæмæй, нæ бафæлвæрдта уыдонмæ æр-кæсын æмбæлон фæткмæ гæсгæ», - бамбарын кодта уый.
Коцты Алан зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2008 азы августы, номхуындæй, Гуырдзыстон æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ æмæ дзы хæст райтынг кодта.

подробнее

Хъалонисджыты куыст тынг ахсджиаг у

$
0
0

align="left"
2222222.jpg
Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Экономикон рæзты министр Зæгъой-ты Вильям хайад райстой Хъалонисæджы бонимæ баст хицауады мадзæлтты.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонтæ æмæ фиддонты комитетæн уый уыди юбилейон, сæ сырæзынæй рацыд 25 азы.

Хицауады Сæрдар раарфæ кодта фискалон (Хицауады исад хынцæг) органæн, æмæ банысан кодта, зæгъгæ хъалонты службæйæн кæцыфæнды бæстæйы дæр ис ахсджиаг нысаниуæг, цæмæй паддзахады финансон стабилондзинад уа, экономикæйы рæзтæн, амалиуæгад æмæ æхцайы куыстæн дзы хорз уавæртæ уа, уый сæраппонд.
«Бар мын раттут, цæмæй уын бузныг зæгъон уæ куысты тыххæй. Сымах уе 'ппæт дæр фæллой кæнут нæ бæстæйы хæрзиуæгæн. Хъалонты системæ размæ цæуы цырд размæцыдæй, æмæ азæй азмæ фылдæр кæнынц хъалонты æфтиæгтæ. Уый руаджы республикæйæн йæ къухы æфты, æрæмбырдгонд уæлæмхæст фæрæзты фæрцы ахæм социалон фарстытæ скъуыддзаг кæнын, кæцытæн аргъæвæн нæй», - банысан кодта йæ ар-фæйы раныхасы Хъуылымбегты Доменти.
«25 азы чысыл æмгъуыд нæу куысты структурæ æмæ организаци сфидар кæнынæн, - дзырдта уый. - Æгæрыстæмæй республикæйы зын рæстæджытæ куы уыд, уæддæр хъалонты органтæ хорз æххæст кодтой сæ хæстæ, Хуссар Ирыстоны иумæйаг уавæр æмæ фадæттæ сæ куыд амыдтой, афтæ».
Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, зæгъгæ, уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуыздæр ис, æмæ абон хъалонты органты куыст фæхуыздæр кæнынæн республикæйы ис æндæргъуызон уавæртæ.
«Уыцы уавæртæ хъуамæ мах æрвылбондæр разæнгард кæной нæ архайд фæхуыздæр кæнынмæ, стыр æнтыстытæ хи бакæнынмæ. Мах абон уадзæм æргом экономикон политикæ, æмæ сидæм республикæйы экономикон процессы кусджытæм дæр æргомдзинадмæ», - банысан кодта Хицауады Сæрдар.
Уый арфæ ракодта хъалонисæг органты кусджытæн Президент Тыбылты Леониды номæй, æмæ сын фехъусын кодта уый бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ сæ намысджын куысты тыххæй республикæйы хæрзиуæгæн.
Йæхи рады, Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты Сæрдар Кадзты Владимир загъта бузныджы ныхæстæ республикæйы къухдариуæгадæн хъалонисæг органтæм сæ хъусдарды тыххæй.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын, нæ ведомствомæ стыр хъусдард кæй ис, уый тыххæй. Нæ рады мах дæр нæхи схæсджын кæндзыстæм, цæмæй нæ разы цы хæстæ æвæрд æрцыд, уыдон скъуыддзаг кæнæм афойнадыл æмæ æххæстæй», - банысан кодта Къадзты Владимир.

подробнее


Хъуылымбегты Доменти йæхимæ райста республикæйы æмбæстæгты

$
0
0

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти йæхимæ райста, куырдиæттæ йæм кæмæй æрбацыд, республикæйы уыцы æмбæстæгты.
Абоны бон Хицауады Сæрдармæ бацæуыны тыххæй фыст æрцыд, сæ куырдиæттæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ баст кæмæн уыдысты, республикæйы 14 ахæм æмбæстаджы..
Республикæйы æмбæстæгтæ æрбацыдысты, 2008 азы августы пырх чи æрцыд, сæ уыцы хæдзæртты нывтимæ æмæ авд азы дæргъы алыгъуызон инстанцитæм кæй фервыстой, уыцы куырдиæттимæ, фæлæ уæддæр сæ фарстæн дзуапп нæ райстой.
Советон уынджы цæрæг Плиты Азæ радзырдта, хæсты фæстæ йын йæ хæдзары агъуыст кæй раивтой, фæлæ куыстытæ конд æрцыдысты стыр аиппытимæ, æмæ уый аххосæй цыбыр рæстæджы фæстæ хæдзар нымад æрцыд кæлынæввонгыл. Уый ныхæстæм гæсгæ, хæдзары иу хай ныппырх кодтой, æмæ йæ бахастæуыд фехалинаг хæдзæртты хыгъдмæ, фæлæ агъуыст саразыны фæстæ куыстытæ урæд æрцыдысты.

подробнее

Тыбылты Инал: «Республикæйы цæрджыты сфыст уагъд цæуы активонæй»

$
0
0

i_4.jpg
Цалдæр бонмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты иумæйаг сфысты фæстиуджытæ сты 16278 адæймаджы æмæ 4928 хæдзары. Уыцы бæрæггæнæнтæ сты Паддзахадон статистикон управленийы бæрæггæ-нæнтæ. Йæ сæрдар Тыбылты Инал куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ районты дæр активонæй цæуы цæрджыты сфысты ахсджиаг хъуыддаг.
«18 октябры онг республи-кæйы районты мониторингы фæстиуæгæн фыст æрцыдысты 2834 адæймаджы. Уыдон сты: 840 хæдзары Дзауы районы, Ленингоры районы 1605 адæймаджы - 531 хæдзары, Цхинвалы районы 1961 адæймаджы - 722 хæдзары æмæ Знауыры районы 1577 адæймаджы 572 хæдзары», - загъта Тыбылты Инал.
Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ алы бон дæр уагъд цæуы мониторинг фæстиуджыты фæдыл. Уымæй дарддæр, æрвылбон дæр Статистикон уп-равленийы кусджытæ цæуынц республикæйы горæт æмæ районты хайæдтæм. Проблемон фарстытæ кæд сæвзæры, уæд оперативонæй цæуынц бынатмæ кусджытæ æмæ сын бакæнынц æмбæлон æххуыс.

подробнее

Пухаты Эрик: «Алы æмбæстаджы архайд дæр цæрджыты иумæйаг сфысты у ахсджиаг паддзахадæн»

$
0
0

erik_3.jpg
Хуссар Ирыстоны цадæггай йæ тыхы бацыд цæрджыты иумæйаг сфыст.
Уагъдцæуæг мадзалмæ сæрмагонд ахасты тыххæй сæ хъуыдытæ фæзæгъынц куыд рæнхъон æмбæстæгтæ, афтæ нæ республикæйы къухдариуæгад дæр.

Йæ хъуыды нын раргом кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик:
- Алчи дæр æй хорз зоны, ацы аз 15 октябры кæй райдыдта цæрджыты сфыст, фæлæ арæх фехъусæм ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ уый уагъд цæуы æрмæстдæр уый тыххæй, цæ-мæй бæлвырдæй базонæм цæрджыты нымæц. Раст у, уый дæр тынг ахсджиаг хъуыддаг у, фæлæ сфысты сæйрагдзинад канд уый нæу, - банысан кодта Эрик Георгийы фырт. - Æрфарсты сыфы ис, паддзахадон органтæн чи фæахъаз уыдзæн хуыздæр базонын цæрджыты цард, ахæм цалдæр пунктты рæнхъ: сæ царды уаг, ахуырады, бинонты уавæр, наци, кар, цæрдхъомдзинады æмвæзад.
Цæмæн у æнæмæнгхъæуæг уыдæттæ зонын? Ацы фарстæн ис æрмæстдæр иу дзуапп: æппæт паддзахадон программæтæ бындуриуæг кæнынц æрмæстдæр статистикон управленийы бæрæггæнæнтыл. Паддзахад йе 'мбæстæгты тыххæй цы бæрæггæнæнтæ æрбам-бырд кæна, ахæм уыдзысты йæ дарддæры социалон-экономикон райрæзты нывæстытæ. Уымæ гæсгæ, цас дырысдæр уой йæ характеристикæтæ алы æмæ алы миниуджытæм гæсгæ - æрд, кар, ахуырад, куыстхъомдзинад, архайды хуыз, цæрджыты нымæцы бæрæггæнæнтæ, сæ равæрд бæстæйы территорийыл æмæ афтæ дарддæр - уыйас паддзахадæн уыдзæн фадат, цæмæй гъæдджындæрæй æххæст кæна йæ хæслæ-вæрдтæ йе 'мбæстæгты раз.

подробнее

Спайда хъæуы кусынæн бæзгæ бонтæй

$
0
0

DSC03333.JPG
РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды къухдариуæгадæй 17-æм октябры уыдис 2015 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæдыл республикон оперативон штабы радон рабадт. Йæ куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, подрядон организациты минæвæрттæ æмæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард.
Рабадты куыд банысанчындæуыд, афтæмæй арæзтцæуæг объектты куыстытæ цæуынц интенсивон æгъдауæй, фæлæ уæддæр иумиагæй сисгæйæ, графикæй фæстейæ зайынц.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæг карзæй бафæдзæхста, зæгъгæ, кæд подрядон организацитæ æмбæлон æмгъуыдты не 'ххæст кæнынц сæ куыстытæ æмæ сæ гъæд æмбæлон æм-вæзадыл нæу, уæд æппæт бындуртæ дæр ис уыдоны ныхмæ иууыл карздæр мадзæлттæ райсынæн, уыимæ семæ бадзырдтæ фехалын æмæ сæ административон бæрндзинадмæ æркæнынæн.

подробнее

Уынаффæ кодтой ахсджиаг фарстатыл

$
0
0

Уæззау фыдракæндтæ, фæндагон-транспортон цаутæ, сæ транспортæн рæстæгмæйон æрбаласт (ввоз) райсыны тыххæй не 'мбæстæгты проблемæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл уынаффæ цыд, 19 октябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ цы æмбырд ауагъта, уым.
Æмбырды Президент Тыбылты Леониды хъусдард здæхт æрцыд уæззау фыдракæндтæ раргом кæныны фарстатæм.
Сæрмагондæй, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, уый гæнæн нæй æмæ афтæ дæргъвæтин рæстæджы кæронмæ скъуыддзаг не 'рцыд не 'мбæстаг Санахъоты Аннæйы амæлæты факты фæдыл уголовон хъуыддаг. Президенты ныхæстæм гæсгæ, уымæн йæ бон ницы зæгъын у нæ иннæ æмбæстаг, РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы æфсæддон службæгæнæг Козаты Владимиры бинонтæн, кæцыйы амæ-лæты фæдыл фæдагуырды нырма нæй фæстиуджытæ.
Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Цгъойты Мераб фехъусын кодта, зæгъгæ, уголовон хъуыддаг раиртасыны тыххæй æппæт фæдагурæн мадзæлттæ, кæцытæ баконд æрцыдысты УФ-йы Уголовон Кодексы 105-æм статьямæ гæсгæ, сты фæуынхъус æмæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ æппæт æрмæджытæ лæвæрд æрцæудзысты республикæйы тæрхондонон органтæм. Хъыгагæн, йæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ хъуыддаг нырма ис кондады.

подробнее

Viewing all 3620 articles
Browse latest View live